A A A
Цвет:C C C
Изображения Вкл. Выкл.
23
03
2023

Уалдзӕг ралӕууыд


Уалдзӕг ралӕууыд

Уалдзӕг ралӕууыд, цины уалдзӕг, арфӕйы уалдзӕг. Ӕрдз хъал кӕны, бӕстӕ базмӕлд, адӕймаджы уӕнгты цавӕрдӕр ӕнкьарӕнтӕ, бӕллицтӕ, цыдӕр ныфс уадзы.
   Сӕрӕй дын, сылгоймаг, ӕз зонгуытыл кувын,
Бӕрзонд Хуыцау амондӕн сфӕлдыстада, дӕу!
Цӕмӕй хьахьхьӕд цӕуа фӕсивӕды, рӕзгӕ фӕлтӕрты'хсӕн не' гьдау, не фсарм, нӕ уӕздандзинад, нӕ удварны хӕрзтӕ, нӕ монон культурӕ, уый тыххӕй сылгоймӕгты бӕрӕгбоны фӕдыл Заводы поселочы 34-скьолайы,йӕ разамонӕг Гӕдиаты Тамарӕ-Тасолтаны чызг, хьомылад он фӕрӕзы куысты разамонӕг Уртаты Викторы чызг-Зӕлинӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы методиугонды разамонӕг Джыгкайты Виолета- Актемыры чызг, Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд"Иры стыр ныхас" - ы Сылгоймӕгты комитеты сӕргълӕууӕг Махьоты Иринӕ, йӕ хӕдивӕг Хабӕты Риммӕ ӕмӕ комитеты уӕнг Мысыкаты Бэлӕйы хьӕппӕрисӕй знон арӕзт ӕрцыд не скьолайы стыр мадзӕл "Мады ном-ӕнусон"
Хьомыладон фарстатӕм стыр бӕрнон цӕстӕй кӕсынц Сылгоймӕгты комитеты уӕнгтӕ. Мадзалмӕ ӕрбахуыдтам хистӕр кьлӕсты ахуыдзауты, нанаты, мадӕлты.
Мадзалы тематикӕ иууылдӕр баст уыд сылгоймаг-мад-имӕ. Тынг цымыдисӕй, зӕрдиагӕй сӕхи бацӕттӕ кодтой нӕ хьомылгӕнинӕгтӕ. Нӕ мадзалмӕ ма фӕхуыдтам ӕрыгон зарӕггӕнӕг Гучмӕзты Ренады, уый йӕ зӕрдӕргьӕвд зарджытӕй, йӕ диссаджы хъӕлӕсӕй, йӕ арфӕтӕй тынг сбуц кодта нӕ уазджыты. Иуӕндӕсӕм кьласы скьоладзау Мӕргьиты Кристинӕ азарыд зарӕг "Ӕз ирон чызг дӕн, ирон" Не скьолайы вокалон къорды уӕнгтӕ азарыдысты адӕмон зарӕг "Хосдзауты зарӕг" ӕмӕ "Хӕхты зарӕг" сæ  разамонæг,  нæ музыкæйы ахуырганаг Цориты Кимы чызг Лирæ.
Иууыл цымыдиссаг дӕр уый уыд ӕмӕ хистӕр кьласонтӕ Махьоты Аминӕ, Габеты Диана, Дзебысаты Сабинӕ, Багьраты Аминӕ чызджы ӕгъдауимӕ баст фарстатӕ радтой нӕ Сылгоймӕгты комитетмӕ. Тынг мидисджын,  ахсджиаг хьомыладимӕ баст  дзуаппытӕ фехьуыстой. Нӕ фӕсивӕд-лӕппутӕ зӕрдӕ бавӕрдтой нӕ кадджын, буц уазджытӕн, куыддӕр хӕст фӕуа, афтӕ Стыр хъаст " скӕндзыстӕм ӕмӕ уӕ ӕрхондзыстӕм,зӕгьгӕ. Тынг райгондӕй, зӕрдӕрухсӕй баззадысты нӕ нанатӕ, ныййарджытӕ, сӕ арфӕйы ныхӕстӕн кӕрон нӕ уыд. Ныййарджыты фӕнд-арӕхдӕр ахӕм фембӕлдтӕ-мадзӕлттӕ   куыд цӕуа. Мадзал ацыд мидисджын, зӕрдылдаргӕ,зӕрдӕрайгӕ, хъӕугӕ.
Не скьолайы номӕй стыр арфӕ кӕнӕм ӕппӕт архайджытӕн, нӕ буц уазджытӕн, хьомылгӕнджытӕн!

Вернутся к списку

Контактные телефоны:

(8672)41-11-85 - Директор

(8672)41-11-89 - Главный бухгалтер

@mail: mbousosh34@mail.ru

Адрес:

362910, РСО-Алания, п. Заводской, Бульварная, 73