A A A
Цвет:C C C
Изображения Вкл. Выкл.
05
03
2025

Цӕр, мадӕлон ӕвзаг!


Ирон ӕвзаг- нӕ фӕндыр ӕмӕ кард,
Нӕ хох- быдыр ӕмӕ нӕ уӕзӕг,
Ирон адӕмӕн се стыр фарн, сӕ ард,
Нӕ къонайӕн йӕ зынг, йӕ фӕздӕг…

 

Ӕрӕджы мах бӕрӕг кодтам мадӕлон ӕвзаджы бон - не взаджы рӕсугъддзинад, йӕ аивдзинад, хъӕздыгдзинад уӕлдай тынгдӕр бахахх кӕнын нӕ бон кӕм у, уыцы бон. Мах,34-ӕм скъолайы ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджыты тынг фӕнды, цӕмӕй фидӕны фӕлтӕртӕн бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ радтӕм не взаджы традицитӕ, бауарзын сын кӕнӕм нӕ культурӕ, нӕ истори куыд ахсджиаг у, уый. Сӕ зӕрдӕты сын гуырын кӕнӕм уарзондзинад мадӕлон ӕвзагмӕ, райгуырӕн бӕстӕмӕ. Цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ дзурой рӕсугъд ирон ӕвзагыл. Фӕнды нӕ, мадӕлон ӕвзаг уа иугӕнӕг, хи ӕвдисӕг суадон.

Нӕ ахуырдзаутӕ тынг зӕрдиагӕй бацархайдтой ацы мадзалы. Мадзал ацыд мидисджын, нывыл.

Мадӕлон ӕвзаджы хорзӕх нӕ уӕд!

Вернутся к списку

Контактные телефоны:

(8672)41-11-85 - Директор

(8672)41-11-89 - Главный бухгалтер

@mail: mbousosh34@mail.ru

Адрес:

362910, РСО-Алания, п. Заводской, Бульварная, 73