15-ӕм октябры Ирыстоны бӕрӕг кодтой стыр бӕрӕгбон. Бӕрӕгбоны фӕдыл арӕзт ӕрцыд алыхуызон мадзӕлттӕ.
Нӕ цытджындӕр, намысджындӕр, номдзыддӕр поэт- Хетӕджы фырт Кьостайыл сӕххӕст 162 азы.Йӕ Фыдыбӕстӕ ӕгӕрон уарзтӕй чи уарзта.
Йӕ фӕстаг фӕдзӕхст кӕмӕн уыдис : "Ме' фсымӕртӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрут" - адӕмы тых, адӕмы хъару иудзинады кӕй ис.
Не скьолайы ахуырдзаутӕ дӕр тынг активонӕй бацархайдтой муниципалон этапы Республикон конкурсы "Ирон аив дзырды дӕсны" - йы хайад райсын. Махьоты Амина, 9-ӕм кьласы ахуырдзау ссис хӕрзиуӕгджын