A A A
Цвет:C C C
Изображения Вкл. Выкл.
15
05
2022

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон


Нӕртон ӕвзаг,- нӕ хӕхты
Хуызӕн рагон,
Ныййарӕг мадау, ды
мӕнӕн зынаргь.
Къостайы фӕдзӕхст ма рох
кӕнӕм абон,
Ӕххӕст кӕнӕм йӕ
бӕллицтӕ ныр мах!

Иры кӕмттӕй азӕлыд ирон, аив ныхас,фӕндыры зӕлтӕ,цины хъаст ӕма зардӕй адӕймаджы зӕрдӕ рухс кодта. Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны фӕдыл арӕзт ӕрцыд алыхуызон мадзӕлттӕ. Мах дӕр, 34 – ӕм скъолайы ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ не скъолайы разамонӕг Гӕдиаты Тамарӕ Тасолтаны чызг, хъомыладон куысты разамонӕг Уртаты Викторы чызг_- Зӕлинӕ , ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы методиугонды разамонӕг Джыгкайты Виолетӕ Актемыры чызджы хъӕппӕрисӕй, арӕзт ӕрцыд стыр равдыст - мадзал бӕрӕгбоны фӕдыл.

Знон, райсомӕй скъоламӕ бахизгӕйӕ ,стырӕй- чысылӕй иууылдӕр банкъардтой цины тӕваг, хъӕлдзӕг ӕмӕ бӕрӕгбоны ӕнкъарӕнтӕ. Хъаст ӕмӕ фӕндыры зӕлтӕй зӕрдӕйы монцтӕ уӕлӕрвтӕм сӕхи истой.

Стыр цинимӕ сӕмбӕлдыстӕм ацы рӕсугъд бӕрӕгбоныл.

Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг бӕрнон цӕстӕй ракастысты ацы мадзалмӕ, зӕрдиагӕй сӕхи бацӕттӕ кодтой ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ баззадысты.

Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй
Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох,
Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй
Ирон дзырд макуы рцӕуа рох !

Вернутся к списку

Контактные телефоны:

(8672)41-11-85 - Директор

(8672)41-11-89 - Главный бухгалтер

@mail: mbousosh34@mail.ru

Адрес:

362910, РСО-Алания, п. Заводской, Бульварная, 73